Нартæ словакагау: Дзæуджыхъæуы ацыд чиныджы презентаци

© Sputnik / Ада БагианНарты кадджытӕ
Нарты кадджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Презентацийы рæстæджы ма чиныджы автор загъта, Словакийы фæндон кæй бахæсдзæн, цæмæй ахуырады къабазмæ бахæссой Нарты кадджытæй скъуыддзæгтæ

ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны ацыд словакаг æвзагмæ тæлмацгондæй Нарты кадджыты чиныджы презентаци, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Нарт Сырдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры сисдзысты киноныв Нарты кадджыты тыххӕй

Йæ автор у Словакийы зындгонд фыссæг, драматург, тæлмацгæнæг Малиты-Франева Эва.

"Авторы сæмхиц кодта ирон æвзагмæ, Ирыстоны культурæ æмæ традицитæм йæ цардæмбал Малиты Славик. Нарты кадджытимæ куы базонгæ, уæд æй бафæндыд Словакийы цæрджытæм сæ мидис сæхи æвзагыл фæхæццæ кæнын", — дзырдæуы хъусинаджы.

Фыццаг чиныг рухс федта 1982-æм азы. Чиныджы дыккаг рауагъдмæ хаст æрцыдысты ноджы фылдæр уацмыстæ. Презентацийы рæстæджы ма автор загъта, Словакийы фæндон кæй бахæсдзæн, цæмæй ахуырад æмæ зонады къабазмæ бахæссой Нарты кадджытæй скъуыддзæгтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0