110 мин сомы бӕрц зиан: Цӕгат Иры ӕрцахстой бӕхдавӕджы

© Sputnik / Саид Царнаев /  Ахизын медиабанкмæЛошадь на горном лугу
Лошадь на горном лугу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг лӕппу ацы аз апрелӕй фӕстӕмӕ давта йӕ хъӕуккаджы бӕхтӕ ӕмӕ сӕ стӕй уӕй кодта

ЦХИНВАЛ, 13 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Горӕтгӕрон районы полицийы кусджытӕ ӕрцахстой Тарскӕйы хъӕуы 24-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ зӕрдӕ ӕхсайдта бӕхтӕ адавынӕй, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ. Зианы суммӕ рацыд 110 мин сомы бӕрц.

Нозт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры цӕрӕг адавта дуканийӕ нозты 110 авджы

Горӕтгӕрон районы полицимӕ бадзырдта нӕлгоймаг, кӕцы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕбӕрӕг гоймаг дзы адавта дыууӕ бӕх ӕмӕ байрӕгты. Бӕх ӕмӕ байраг фесӕфтысты нырма апрелы, уый фӕстӕ райдыдтой сӕфын ӕндӕр бӕхтӕ дӕр.

"Фыццаг сылгоймаг йӕхи тыхтӕй агуырдта бӕхты: кӕцыдӕр сайтыл уый федта хъусинаг бӕхты уӕй кӕныны тыххӕй, ӕрцыд сӕ хицаумӕ ӕмӕ федта йӕ бӕхты уым. Ног хицау фехъусын кодта, зӕгъгӕ, бӕхтӕ балхӕдта ӕбӕрӕг гоймагӕй", — дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Фыдгӕнӕджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.

Ног хабӕртты лентӕ
0