Джиоты Вероника азарыд алолай ирон мультфильмы

Рафыссын
Студи "Frank Animation"-ы ӕртыккаг рауагъды премьерӕ ацӕудзӕн 25 декабры

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Зындгонд оперон зарӕггӕнӕг Джиоты Вероника сӕххӕст кодта авдӕны зарӕг "Адджын фын" студи "Frank Animation"-ы ног рауагъды. Уый тыххӕй 15 регион фехъусын кодта проекты аразӕг Сӕлбиты Алан.

Маленький принц на осетинском языке - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Гыццыл принцы" тӕлмацгӕнджыты сноминаци кодтой Къостайы премимӕ

"Frank Animation" у анимацион-ахуырадон проект ирон ӕвзагыл.

Алолаймӕ мелоди ныффыста композиторДзлиты Дзерассӕ, дзырдты автор та у Сӕлбиты Алан йӕхӕдӕг.

Алан банысан кодта, уый ныридӕгӕн кӕй у студийы ӕртыккаг проект. Фыццаг рауагъд тынг фӕцыд цӕрджыты зӕрдӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ Алан сарӕзта йӕхи канал ӕмӕ ӕрӕвнӕлдта музыкалон анимацион мультфильмтӕ аразынмӕ ирон ӕвзагыл.

Студи "Frank Animation"-ы ӕртыккаг рауагъды премьерӕ ацӕудзӕн 25 декабры.

Ног хабӕртты лентӕ
0