Дзæуджыхъæуы равдисдзысты киноныв "Рагон"-ы премьерон сери

Рафыссын
Проекты автор æмæ сериалы режиссер Заур Гапиенкойы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг серийыл куыст кæронмæ фæцис

ЦХИНВАЛ, 11 янв — Sputnik. Сериал "Рагон"-ы фыццаг сери, кæцы таурæгъ кæны аланты цардуагыл VII-X æзты æмæ сæ фæндонтæ - ирæтты цардыл ныры дуджы, равдисдзысты Дзæуджыхъуы 18 январы Кинойы хæдзары, хъусын кæны 15-й Регион.

Аивадон сериал Рагон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг ирон сериал "Рагон": тагъд рахиздзæн экранмæ

Режиссеры ныхæстæм гæсгæ, серийы хронометраж у 53 минут.

"Сери дыууæ къуыри æмæ æрдæджы æмгъуыдмæ æвдисдзыстæм, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алцыппæт дæр сеансмæ цæуджытæй аразгæ у. Бынæтты нымæц арæнгонд кæй у, уымæ гæсгæ билеттæн рагзагъд скæнæн дæр ис. Прокаты фæрæзтæй киноныв дарддæр ист цæудзæн. Мæ зæрдæ дарын, кæй нын баххуыс кæндзысты, уымæй", — радзырдта ныхасæмбал.

Сериал "Рагон" у бирæжанрон, уыцы иу рæстæг æй ахæссæн ис драмæ, фантастикæ æмæ триллермæ. Киноныв таурæгъ кæны не 'мдугон Аланы истори, уымæн сæххæст йæ бæллиц — фыдæлты 'хсæн цæрыны фæндон. Уый араст дард ивгъуыдмæ — мах дуджы агъоммæ 7 æнусмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0