Цæгат Ир фæкарздæр кодта цæстдард Гуырдзыимæ арæнмæ тæссаг вирусы тыххæй

© Sputnik / Владимир Иванов /  Ахизын медиабанкмæУадзæн пункт "Уæллаг Ларс"
Уадзæн пункт Уæллаг Ларс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны вирус H1N1 амæттаг ныридæгæн баисты 17 адæймаджы
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik. Гуырдзыстоны вирус H1N1 кæй стыхджын ис, уый тыххæй Цæгат Ирыстон фæкарздæр кодта ацы республикæимæ йæ арæнмæ цæстдард, хъусын кæны ПТРК "Алани".

Гуырдзыстоны ацы вирусы амæттаг ныридæгæн баисты 17 адæймаджы.

Тæссаг низы профилактикæ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент хуыты гриппы тыххæй: уæлдай хъусдард - Гуырдзыимæ арæныл хъæутæм

"Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй хæслæвæрдтæ радтой таможнæ æмæ арæнхъахъхъæнæн управленийы кусджытæн. Бæлццæтты чи бæрæг кæна, уыдон уыдзысты хи хъахъхъæнæн сæрмагонд уæлæдарæсы. Кæуыл фæгуырысхо уой, уымæ та æвæстиатæй æрбахондзысты фæлхасадон цæстдарды специалистты", - дзырдæуы хъусинаджы.

Нырма уал тæссаг вирус Цæгат Ирыстоны нæ бафиппайдтой.

Сæрмагонд барамындмæ æхгæд у Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны хсæн арæн дæр.

Ацы низ тæссаг у пневмония расайынæй. Уымæ гæсгæ дохтыртæ сидынц цæмæй йæхи æвзæр чи æнкъара, уый фыццаджыдæр бацагура медицинон æххуыс.
Ног хабӕртты лентӕ
0