"Электроцинк" ссыгътой барæй, фехъусын кодта заводы гендиректор

© WikipediaЭлектроцинк
Электроцинк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Игорь Ходыко банысан кодта, уыдон фыццаг бонтæй фæстæмæ кæй уыдысты ацы версийыл хæст

ЦХИНВАЛ, 25 янв - Sputnik. Цæгат Ирыстоны завод "Электроцинк"-ы фыдгæнджытæ ссыгътой барæй, фехъусын кодта майрæмбоны уагдоны генералон директор Игорь Ходыко.

"Уголовон хъуыддагыл кусыны рæстæджы фæдагуырд æрцыд ахæм хатдзæгмæ, завод кæй ссыгътой барæй. Мах фыццаг бонтæй фæстæмæ уыдыстæм ацы версийыл хæст", - банысан кодта уый.

"Электроцинк"-ы зынгсирвӕзт ӕрцыд 21 октябры ӕхсӕвы, арт аххӕссыд 4,5 мин квадратон метрыл, уый фӕстӕ заводы куыст ӕрурӕдтой.

Вячеслав Битаров на заводе Электроцинк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры сæргълæууæг загъта азымджынты "Электроцинк"-ы зынгирвæзты

Арт хуыссын кӕныны рӕстӕджы фӕмард иу зынгфӕдисон, дыууӕ та зиан баййӕфтой. Фӕдагуырд бакодта уголвон хъуыддаг ацы цауы фӕдыл.

Зынгсирвӕзты фӕстӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕрӕмбырд сты сӕдӕгай цӕрджытӕ, кӕцытӕ домдтой сӕхгӕнын завод "Электроцинк". Ӕрӕмбырдуӕвджытӕм рахызт Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, кӕцы дзырд радта, кӕй фехъусын кӕндзӕн проблемӕйы тыххӕй бӕстӕйы къухдариуӕгадӕн. Афтӕ ма завод сӕхгӕныны тыххӕй дзырдтой Цӕгат Ирыстоны парламенты депутаттӕ ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы мэр Хӕдӕрцаты Махарбег.

Ног хабӕртты лентӕ
0