Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр: Цӕгат Иры "Мамысон" курортӕн ис стыр перспективӕтӕ

Рафыссын
Сӕрмагонд экономикон зонӕ "Мамысон"-ы проект саразыны хъуыды хорзыл банымадта Уӕрӕсейы Федерацийы президент

ЦХИНВАЛ, 13 мар - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны нывӕндынц саразын сӕрмагонд экономикон зонӕ "Мамысон" Уӕрӕсейы хицауады фӕдзӕхстты фӕлгӕтты, хъусын кӕны РИА Новости министрады сӕргълӕууӕг Сергей Чеботаревы ныхӕстӕ.

Лисри - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цахӕм уыдзӕн "Мамысон": Цӕгат Иры ӕрдзырдтой курорты проектыл

"Экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ финансты министрадимӕ иумӕ мах сараздзыстӕм Цӕгат Ирыстоны сӕрмагонд экономикон зонӕ "Мамысон" – ацы хъуыды хорзыл банымадта Уӕрӕсейы Федерацийы президент. Мах уынӕм ацы сӕрмагонд экономикон зонӕйы райрӕзты стыр перспективӕтӕ", - загъта Сергей Чеботарев.

2018 азы Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕрдар Дмитрий Медведев радта хӕслӕвӕрд саразын Цӕгат Кавказы регионты ӕрвылазон курорттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0