Ирыстоны мысынц Дзæуджыхъæуы центрон базары теракты амӕттӕгты

© Sputnik / Наталья АйриянИрыстоны мысынц Дзæуджыхъæуы центрон базары теракты амӕттӕгты
Ирыстоны мысынц Дзæуджыхъæуы центрон базары теракты амӕттӕгты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
20 азы размӕ ӕрцӕугӕ трагеди ахаста 52 адæймаджы цард, 300 райстой цæфтæ

ЦХИНВАЛ, 19 мар — Sputnik. Абон Ирыстоны мысынц 20 азы размæ Дзæуджыхъæуы центрон базары цы теракт æрцыд, уый амæттæгты, хъусын кӕны ГТРК "Алания".

19-æм марты 11 сахаты æмæ 40 минутыл тæрхæджыты цур скуыста рæмудзæн æрмæг. Теракты фæмард 52 адæймаджы, 300 фесты цæфтæ.

"Фыдбылыз аразджытæн стæрхон кодтой 2003-æм азы. Адам Цуровæн рахастой цæрæнбоны, Махмуд Темирбиев æмæ Абдурахман Хутиевæн 23 азы, Абдул Хутиев та 10 ахæстоны фæбадыны тæрхон. Магомет Цакиев та тæрхоны бонмæ нæ фæцард, амардтой йæ фыдгæнджытимæ тохы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уӕд хӕлӕн ӕрмӕг террористтæ сæвæрдтой халсартимæ голладжы.

Ног хабӕртты лентӕ
0