Балцыты канал "Моя Планета" спрезентаци кодта киноныв Цӕгат Иры тыххӕй

© Телеканал "Моя Планета"Балцыты канал "Моя Планета" спрезентаци кодта киноныв Цӕгат Иры тыххӕй
Балцыты канал Моя Планета спрезентаци кодта киноныв Цӕгат Иры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Кавказский пленник" проекты фӕлгӕтты амонӕг ацыд балцы Хӕххон Дыгурмӕ

ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik. Уӕрӕсейаг телеканал "Моя Планета" рауагъта киноныв Цӕгат Ирыстоны тыххӕй, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Каналы ног проект "Кавказский пленник"-ы фӕлгӕтты амонӕг Андрей Понкратов ацыд балцы республикӕйы ныгуылӕны хаймӕ – Хӕххон Дыгурмӕ.

Кинонывы равдыстой Национ парк "Алания"-йы рӕсугъддзинӕдтӕ, бынӕттон чындзӕхсӕвы традицитӕ, афтӕ ма хӕххон куырой Ӕхсӕуы хъӕуы.

"Мӕн фӕнды зӕгъын, ахӕм рӕсугъддзинад кӕй нал ис дунейы. Ӕз ӕмбарын, Дыгуры комы ӕз кӕй федтон цы дзы ис, уымӕй ӕрмӕст иу процент", - загъта Андрей Понкратов.

Цӕгат Ирыстоны тыххӕй рауагъд ссис фыццаг "Кавказский пленник" программӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0