Уалыты Владислав ахызт Европӕйы чемпионаты финалмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

© РИА "Руспех"Уалыты Владислав
Уалыты Владислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры финалы, ӕртыццӕджы спортсмен фембӕлдзӕн Петр Януловимӕ

ЦХИНВАЛ, 10 апр — Sputnik. Ирон спортсмен Уалыты Владислав ахызт Европӕйы чемпионаты финалмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ричард ӕмӕ Сослан   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кубӕйаг ирон, зынархайд боксер ӕмӕ ӕнӕспортивон тох: Цхинвалы ацыд барыны церемони

Ерысты спортсмен архайы 86 килограмм уӕзы категорийы.

"Финалмӕ фӕндагыл Уалыты Владислав рамбылдта белорусаг Али Шабановы 11:0 хыгъдӕй, Георгиос Саввоулидисы (Греци) – 3:1, Милес Амины Сан-Маринойӕ – 5:0 ӕмӕ Мурад Сулеймановы (Азербайджан) 7:0", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, турниры финалы Уалыты Владислав кӕй фембӕлдзӕн Петр Януловимӕ.

Ерыстӕ уагъд цӕуынц Бухаресты 8-11 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0