Уалыты Владислав ссис Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй

© Пресс-служба Минспорта РСО-А.Уалыты Владислав ссис Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй
Уалыты Владислав ссис Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры финалы ирон богал, кӕцы архайдта Уӕрӕсейы командӕйы сконды, рамбылдта молдавайнаг спортсмены

ЦХИНВАЛ, 11 апр — Sputnik. Ирон хъӕбысӕйхӕцӕг Уалыты Владислав ссис Европӕйы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ Юность России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иууыл хуыздӕр хатдзӕг: Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ "Юность России"

Ерысты спортсмен архайдта 86 килограмм уӕзы категорийы.

"Турниры финалы ирон спортсмен Уалыты Владислав рамбылдта молдавайнаг Петр Януловы 4:0 хыгъдӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Финалмӕ фӕндагыл Уалыты Владислав рамбылдта белорусаг Али Шабановы 11:0 хыгъдӕй, Георгиос Саввоулидисы (Греци) – 3:1, Милес Амины Сан-Маринойӕ – 5:0 ӕмӕ Мурад Сулеймановы (Азербайджан) 7:0.

Европӕйы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд цӕуы Бухаресты (Румыни) 8-11 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0