Цӕгатирыстойнаг депутаттӕ ӕнхъарынц Дзӕуджыхъӕуы аэропортӕн Андиаты Сосланы ном радтын

© "Без формата"Аэропорт в Беслане
Аэропорт в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уый фӕдыл парламентаритӕ сарӕзтой УФ æхсæнадон палатæмæ ӕнхъарӕн

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ӕнхъарынц Дзӕуджыхъӕуы (Беслæн) æхсæнадæмон аэропортæн дыууæ хатты олимпиаг чемпион Андиаты Сосланы ном раттын, хъусын кӕны 15 регион.

Фарст скъуыддзаг цӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны парламенты сессийы рӕстӕджы ног къуыри.

Андиаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Йæ цардæй ахицæн номдзыд ирон богал Андиаты Сослан

"Ӕрӕджы парламенты рабадты æмдзыхæй фидаргонд æрцыд уынаффæ аэропортæн Андиаты Сосланы ном раттыны тыххæй. Сфидар кæнын хъæуы цалдæр мадзалы, сæрмагондæй — УФ æхсæнадон палатæмæ саразын ӕнхъарӕн", — хъусын кӕны сайт депутат Ортабайты Тимуры ныхӕстӕ.

Андиаты Сослан у дыууæ хатты Олимпиаг чемпион (1976, 1980 азтæ), дунейы цыппар хатты чемпион, дунейы Кубокы æртæ хатты хицау, дунейы Кубокы дыууæ хатты æвзист призер, ССРЦ æртæ хатты чемпион. Уыд Цæгат Ирыстоны парламенты цыппæрæм, фæндзæм æмæ æхсæзæм æмбырды депутат.

Ног хабӕртты лентӕ
0