Ӕмбуархӕцӕг Цӕгат Ирӕй ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер

© Министерство Спорта РСО-АланияӔмбуархӕцӕг Цӕгат Ирӕй ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер
Ӕмбуархӕцӕг Цӕгат Ирӕй ссис Уӕрӕсейы фыццагады призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры Руслан Куготов архайдта 65 килограмм уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 7 — Sputnik. Спортсмен Цӕгат Ирыстонӕй Руслан Куготов рамбылдта бронзӕйы майдан Уӕрӕсейы фыццагады ӕмбуар хӕстӕй, хъусын кӕны республикӕйы спорты министрад.

Ирон спортсменкӕ рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад тхэквондойӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон спортсменкӕ рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад тхэквондойӕ

Турнир ӕмбуар хӕстӕй юношӕтӕ ӕмӕ чызджыты ӕхсӕн уагъд цыд горӕт Орелы 3-5 майы.

"Руслан Куготов ссис бронзӕйы призер 65 килограмм уӕзы категорийы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, зӕгъгӕ, спортсмены ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Кадиты Нариман ӕмӕ Илья Циклаури.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Черчесты Амина Цӕгат Ирыстонӕй кӕй рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы фыццагады тхэквондойӕ юниорты ӕхсӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0