Дзæуджыхъæуы райдыдта адæмон хъæзтыты æмæ национ спорты хуызты фестиваль

© Государственный интернет-канал "Россия"Дзæуджыхъæуы райдыдта адæмон хъæзтыты æмæ национ спорты хуызты фестиваль
Дзæуджыхъæуы райдыдта адæмон хъæзтыты æмæ национ спорты хуызты фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Йæ архайджытæ ерыс кæнынц спортивон хъæбысхæстæй, дзюдойæ, армспортæй æмæ уæзтæ исынæй

ЦХИНВАЛ, 23 май— Sputnik. Дзæуджыхъæуы райдыдта адæмон хъæзтыты æмæ национ спорты хуызты IX Æппæтуæрæсеон фестиваль. Архайынц дзы Цæгат Кавказы федералон зылдæй 400 адæймаджы, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Ерыс кæнынц спортивон хъæбысхæстæй, дзюдойæ, армспортæй æмæ уæзтæ исынæй, стæй ма сæ арæхстдзинад æвдисынц фольклорæй æмæ æрмдæсныйадæй дæр.

Кавказаг фестиваль Мариинский-Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры байгом фестиваль "Мариинаг Дзæуджыхъæу"

"Форум канд спортивон нæу, фæлæ ма культурон дæр. Спорты галуан Манежы фойейы равæрдтой дисыфтауæг равдыстытæ. Фенæн дзы ис алы республикæты æрмдæсныты куыстытæ. Архайджытæн аргъ кæнынц бæрнон жюрийы уæнгтæ алы регионтæй. Фестивалы схорзæхджын кæндзысты, зæгъæн ис, æмæ се 'ппæты дæр. Æмæ дзы фæхæрдуæвджытæ нæ уыдзæн. Куыд фæзæгъынц, сæйрагдæр у - спорты æмæ культурæйы рæсугъд бæрæгбоны бацархайын", -дзырдæуы хъусинаджы.

Экспозици федта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз.

Спортивон программæйы цалдæр хуызы ерыстæ. Сæйрагдæр - хъæбысæй хæцыны хуызтæ. Ерысты архайджытæ ма сæ тыхтæ фæлварынц национ хъæзтыты. Спортивон старты фæстæ Манежы фæзтæм рацыдысты фольклорон коллективтæ республикæтæй æмæ Стъараполы крайæ. Ирдæй равдыстой Цæгат Кавказы кæфтытæ æмæ зарджытæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0