Цъыфы зæй æрæхгæдта фæндагон змæлд Транскамыл

© SputnikЦъыфы зæй
Цъыфы зæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны иугæнæг фæндаг сæхгæдта къуырисæры цæгаттаг фадыгыл цъыфы зæйы æрцыды тыххæй

ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik. Транскавказы автомагистраль сæхгæдта цæрæн пункт Буроны цур цъыфы зæйы æрцыды тыххæй, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны УУМ. 

"Фæндаг сæхгæдта къуырисæры 14:00 сахатыл. Ацы бынаты цъыфы зæй арæх рацæуы, уымæ гæсгæ Цæгат Иры фæндагон службæтæ иууылдæр сты мобилизацигонд æмæ кусынц æрдзон бæллæхы фæстиуджытæ тагъд аиуварс кæныныл", - радзырдтой Sputnik УУМ пресс-службæйы.

Уагдоны нæ загътой, фæндагыл автомобилон змæлд кæд сног уыдзæн, уымæн æмæ хæхты къæвда йæ уарынæй нæ лæууы æмæ къуыхцы кæны фæндагон службæты куыст.

Ног хабӕртты лентӕ
0