Цæгат Иры капиталонæй сцалцæг кæдзысты Транскамы 23-километрон фадыг

Рафыссын
Автотрассæйы фадыджы цалцæг фæнд кæнынц кæронмæ бахæццæ кæнын 2020 азы сентябры

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik. Цæгат Иры капиталонæй сцалцæг кæдзысты Транскавказаг автомагистралы 23-километрон фадыг, хъусын кæны "Росавтодор"-ы пресс-службæ.

Паддзахадон контрактмæ гæсгæ, автотрассæйы фадыджы цалцæг фæнд кæнынц кæронмæ бахæццæ кæнын 2020 азы сентябры.

Проект рагхыгъд кæны фæндаджы уæлцъар æмæ 25 донуадзæн хæтæлты баивд, трассæйы рауæрæх фараст метры онг æмæ 19 схизæны цалцæг. Уымæй дарддæр ма фæндагон службæтæ сараздзысты фидаргæнæн къултæ æмæ дыдагъ сеткæ сæвæрдзысты дуртæй кæлынæй тæссаг бынæтты.

Фæндагон змæлды æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн ма специалисттæ сæвæрдзысты æфсæнбетонон парапетон сис æмæ фæндагон нысæнттæ.

Цалцæджы рæстæджы кусдзæн фæндаджы иу фарс, змæлдмæ сæ хъус дардзысты автоинспекцийы кусджытæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0