Мӕскуыйаг "Спартак" бакӕндзӕн Дзӕуджыхъӕуы футболон скъола

© Sputnik / Александр Уткин /  Ахизын медиабанкмæМӕскуыйаг "Спартак" бакӕндзӕн Дзӕуджыхъӕуы футболон скъола
Мӕскуыйаг Спартак бакӕндзӕн Дзӕуджыхъӕуы футболон скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Футболы скъоламӕ ӕвзардзысты курдиатджын сывӕллӕтты республикӕйы столицӕ ӕмӕ районтӕй

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik. Футболон клуб "Спартак" (Мӕскуы) нывӕнды бакӕнын Дзӕуджыхъӕуы футболы скъола, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.

Сывӕллӕтты футболон академи фӕзындзӕн Цӕгат Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывӕллӕтты футболон академи фӕзындзӕн Цӕгат Иры

Алкӕцы хуыцаубон дӕр ӕвзарынц фидӕны чемпионты, цӕмӕй сӕ фӕхоной ахуыр кӕнынмӕ Мӕскуымӕ.

Мӕскуыйаг "Спартак"-ы футболон скъолайы ахуыр цӕгатирыстойнаг столицӕйы райдайдзӕн ацы фӕззӕджы. Скъола нывӕндынц бакӕнын 15 сентябры. "Спартак-Мӕскуы" академийы Цӕгатирыстойнаг филиалы разамонӕг Габуты Алан банысан кодта, аз цалдӕр хатты сӕрмагонд къамис кӕй цӕудзӕн ӕмӕ ӕвзардзӕн курдиатджын сывӕллӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0