Цӕгат Иры ссыгъд къуымбилы цех: ис зианбаййафджытӕ

© МЧС РФ /  Ахизын медиабанкмæЗынгфӕдисонтӕ
Зынгфӕдисонтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арт аиуварс кӕныныл архайынц 20 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы фондз иуӕджы

ЦХИНВАЛ, 2 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сӕйраг горӕты ссыгъд къуымбилы цех, зиан баййӕфтой ӕртӕ адӕймаджы, хъусын кӕны РИА Новости РЦИ-А Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) информаци.

"Бӕстыхайы ӕрцыд газы срӕмыгъд, ӕртӕ адӕймаджы райстой цӕфтӕ, удӕгас сты. Ныртӕккӕ зынгфӕдисонтӕ тох кӕнынц артимӕ", - банысан кодтой уагдоны.

Зынг аиуварс кӕныныл архайынц 20 адӕймаджы ӕмӕ техникӕйы фондз иуӕджы. УУМ куыд бафтыдтой, афтӕмӕй зынгсирвӕзты фӕзуат стырӕй стырдӕр кӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0