Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн ӕхсӕнадӕмон симпозиум "Аланика"

© Sputnik / Анна КабисоваӔхсӕнадӕмон симпозиум "Аланика"
Ӕхсӕнадӕмон симпозиум Аланика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Симпозиумы темӕ уыдзӕн баст адӕмон культурӕйы традицийы фарстытыл

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Дзӕуджыхъӕумӕ дыууӕ бонмӕ ӕрцӕудзысты уӕрӕсейаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг нывгӕнджытӕ, цӕмӕй хайад райсой сӕйраг ӕрвылазон цауы нырыккон аивады фадыджы Цӕгат Кавказы – ХII ӕхсӕнадӕмон симпозиум "Аланика"-йы, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.

Ирон аргъуан Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Битарты Вячеслав радзырдта, куыд цӕттӕ кӕнынц Аланийы дзуарӕфтыды юбилеймӕ

Бынӕттон нывгӕнджытимӕ арӕзт цӕудзысты проекттӕ ӕмӕ ӕрдзурдзысты семӕ регионы истори ӕмӕ культурӕйыл.

Симпозиум "Оглянись в будущее!"-йы темӕ банхъардта "Аланики-2019"-ы куратор Виталий Пацюков. Уый баст у адӕмон культурӕйы традицийы фарстытыл.

Симпозиум уагъд цӕудзӕн 15-ӕй 31 августмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0