Хуссар Иры 28-аздзыд цӕрӕг Дзӕуджыхъӕуы амардта йӕ зонгӕйы

© Fotolia / BortN66Дзӕуджыхъӕуы Хуссар Иры 28-аздзыд цӕрӕг амардта йӕ зонгӕйы
Дзӕуджыхъӕуы Хуссар Иры 28-аздзыд цӕрӕг амардта йӕ зонгӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагеди ӕрцыд 25 августы, 23.50 сахатыл Дзӕуджыхъӕуы Цоколаты Геннадийы уынджы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы кӕрты

ЦХИНВАЛ, 27 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бакодтой уголовон хъуыддаг Хуссар Ирыстоны 28-аздзыд цӕрӕджы фӕдыл, кӕцымӕ зӕрдӕ хсайы бынӕттон цӕрӕджы амарынмӕ.

Дзӕуджыхъӕуы фыдгӕнӕг фӕнд кодта аппарын наркотиктӕ ахӕстоны къулы сӕрты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы фыдгӕнӕг фӕнд кодта баппарын наркотиктӕ ахӕстоны къулы сӕрты

Трагеди ӕрцыд 25 августы, 23.50 сахатыл Дзӕуджыхъӕуы Цоколаты Геннадийы уынджы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы кӕрты. Фынгыл нозтджынтӕй дыууӕ нӕлгоймаджы хсӕн рауад хъаугъа.

"Зӕрдӕмӕхсайгӕ цалдӕр хатты ныццавта йӕ 29-аздзыд зонгӕйы – Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕджы. Буары цӕфтӕй зианбаййафӕг фӕмард бынаты", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, фыдгӕнӕджы кӕй ӕрцахстой ӕмӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0