Икъаты Русланбеджы бавдисдзысты Дзæуджыхъæуы Гордумæйы спикеры бынатмæ

Рафыссын
Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырдмæ æвзæрстытæ ацыдысты ивгъуыд хуыцаубоны

ЦХИНВАЛ, 11 сен - Sputnik. Политикон парти "Иугонд Уæрæсе" Икъаты Русланбеджы бавдисдзæн Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды спикеры бынатмæ, хъусын кæны 15 регион. 

Банысан æрцыд, ацы куырдиат кæй сарæзта "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайады сæрдар Ортабайты Тимур.

"Уый сусæггаг нæу, ис нæм сæрмагонд хъуыдытæ. Икъары Русланбег уыд горæты æмбырды фракцийы разамонæджы бынатмæ кандидат, архайдзыстæм, цæмæй æрлæууа Дзæуджыхъæуы горæты æмбырды сæргъы", - загъта Ортабайты Тимур.

Дзæуджыхъæуы æвзæрстытæ ацыдысты хъæлæскæныны иумæйаг боны 8 сентябры,  фæуæлахиз "Иугонд Уæрæсе". Рагагъоммæйы хатдзæгтæм гæсгæ, парти райста æвзарджыты иумæйаг нымæцы 45,24%. Афтæмæй ссис 32 мандатæй 20-ы хицау.

Ног хабӕртты лентӕ
0