Икъаты Русланбеджы раразмӕ кодтой Дзӕуджыхъӕуы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ

© 15-Й РЕГИОНИкъаты Русланбег
Икъаты Русланбег - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгат Ирыстоны столицӕйы минӕвӕртты ӕмбырды фыццаг рабадт ацӕудзӕн цыппӕрӕмы, цы ран равзардзысты горӕты сӕргълӕууӕджы

ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны хицауады сӕрдары хӕдивӕг Икъаты Русланбеджы раразмӕ кодтой горӕт Дзӕуджыхъӕуы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ "Иугонд Уӕрӕсе" партийӕ. Хъӕлӕсӕппӕрст ацыд дыццӕджы партийы регионалон хайады конференцийы рӕстӕджы, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.

Сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ 101 делегаты схъӕлӕс кодтой Икъаты Русланбегӕн, 42 та дыккаг кандидат Козырты Рустамӕн.

"Куы мӕ равзарой, уӕд горӕты сӕргълӕууӕджы бынат ӕрмӕст кадджын нӕу, фӕлӕ бӕрнон дӕр. Уый фӕдыл архайдзыстӕм, цӕмӕй ма фӕсайӕм горӕты цӕрджыты ӕууӕнк", - загъта Икъаты Русланбег.

Дзæуджыхъæуы æвзæрстытæ ацыдысты хъæлæскæныны иумæйаг боны 8 сентябры,  фæуæлахиз "Иугонд Уæрæсе". Рагагъоммæйы хатдзæгтæм гæсгæ, парти райста æвзарджыты иумæйаг нымæцы 45,24%. Афтæмæй ссис 32 мандатæй 20-ы хицау. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы минӕвӕртты ӕмбырды фыццаг рабадт ацӕудзӕн цыппӕрӕмы, цы ран равзардзысты горӕты сӕргълӕууӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0