Ирыстойнаг тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

© Пресс-служба Минспорта РСО-А.Ирыстойнаг тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры
Ирыстойнаг тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цӕгатирыстойнаг спортсментӕ рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ ӕртӕ бронзӕйон майданы

ЦХИНВАЛ, 10 окт — Sputnik. Ирон спортсментӕ рамбылдтой ӕхсӕз майданы ӕппӕтуӕрӕсейон турниры тхэквондойӕ Ессентукты, хъусын кӕны Цӕгат ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг дзюдоист ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг дзюдоист ссис ӕхсӕнадӕмон турниры призер

Турнир "Цӕгат Кавказы Кубокы" призон бынӕттыл тох кодтой 700 спортсмены Уӕрӕсейы Федерацийы субъекттӕй, Казахстан, Сомих ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйӕ.

Ирон спортсментӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ ӕртӕ бронзӕйон майданы.

"Сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой Гусалты Милана ӕмӕ Моргуаты Темырболат. Ӕвзист майдан райста Артур Михайлян. Бронзӕйон майданты хицӕуттӕ баисты Фардзинты Яна, Медойты Милена ӕмӕ Ӕрсойты Анастасия", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Спортсменты ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Ходты Аслан, Дудиты Марат ӕмӕ Джиоты Марина.

Ног хабӕртты лентӕ
0