Ирыстойнаг спортсменкӕ рамбылдта Уӕрӕсейы чемпионат тхэквондойӕ

Рафыссын
Ерысты фыццаг бон Челӕхсаты Анисия рамбылдта сыгъзӕрин майдан, финалы уый рамбылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Мӕскуыйаг областӕй

ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Челӕхсаты Анисия Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта сыгъзӕрин майдан Казаны уагъд цӕуӕг Уӕрӕсейы чемпионаты тхэквондойӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг тхэквондисттӕ ӕнтыстджын архайд скодтой ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Челӕхсаты Анисия ссис ерысты уӕлахиздзау 57 килограмм уӕзы категорийы.

Ирон спортсменкӕ ауагъта цыппар тохы, финалы уый рамбылдта йӕ ныхмлӕууӕджы Мӕскуыйаг областӕй Кисаран Халлаевайы.

Чемпионкӕйы тренер у Авет Оганесянц.

Ног хабӕртты лентӕ
0