Рӕмонаты Сослан слӕудзӕн Цӕгат Иры командӕйы сӕргъ турнир "Аланты"

© Пресс-служба Минспорта РСО-А.Рӕмонаты Сослан слӕудзӕн Цӕгат Иры командӕйы сӕргъ турнир "Аланты"
Рӕмонаты Сослан слӕудзӕн Цӕгат Иры командӕйы сӕргъ турнир Аланты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир, цы ран хайад райсдзысты уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ 25 бӕстӕйӕ, ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 7-8 декабры

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik. Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Риойы, уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Рӕмонаты Сослан слӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны командӕйы сӕргъ III Ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй "Алантӕ-2019", хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕбысӕйхӕцджытӕ 25 бӕстӕйӕ хайад райсдзысты турнир "Аланты" Дзӕуджыхъӕуы

Турнир, цы ран хайад райсдзысты уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ 25 бӕстӕйӕ, сӕ нымӕцы спортсментӕ Уӕрӕсе, АИШ, Иран, Монголи, Турк, Греци, Словаки, Гуырдзыстон, Сомих, Узбекистан ӕмӕ Азербайджанӕй, ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны столицӕйы 7-8 декабры.

Турниры майдантыл тох кӕндзысты 40 ирон спортсмены.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Ӕхсӕнадӕмон турнир "Аланты" организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны хицауад, Хъӕбысхӕсты иугонд дуне ӕмӕ Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0