Цӕгатирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы Кубокы

Рафыссын
Ерыстӕ, цы ран хайад истой спортсментӕ 42 бӕстӕйӕ, балхынцъ сты Болгарийы столицӕйы хуыцаубоны. Ирон спортсмен архайдта 81 килограмм уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Ирон дзюдоист Елбачиты Георгий рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы Кубокы, хъусын кӕны Цӕгат ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ерыстӕ, цы ран хайад истой спортсментӕ 42 бӕстӕйӕ, балхынцъ сты Болгарийы столицӕйы хуыцаубоны. Ирон спортсмен архайдта 81 килограмм уӕзы категорийы.

© Пресс-служба Минспорта РСО-А. Дзюдоист Елбачиты Георгий
Цӕгатирыстойнаг дзюдоист рамбылдта сыгъзӕрин майдан Европӕйы Кубокы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзюдоист Елбачиты Георгий
"Финалмӕ фӕндаджы Елбачиты Георгий рамбылдта йӕ ныхмӕлӕуджыты Австри, Бразили, Франци, Испани ӕмӕ Мароккойӕ. Финалон тохы та ныддӕрӕн кодта Тимо Кавелиусы Германийӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Спортсмен ерыстӕм цӕттӕ кодта Беккуызарты Алик ӕмӕ Цӕгъӕраты Хъазбеджы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0