ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны эксплуатацимӕ радтой егъаудӕр республикӕйы ӕмӕ ӕртыккаг гидроэлектростанц хъомысӕй Цӕгат Кавказы – Зӕрӕмӕджы ГЭС-1, хъусын кӕны РИА Новости.
Станц бакӕныны церемонийы хайад райстой Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Юрий Борисов, Уӕрӕсейы энергетикӕйы министр Александр Новак, Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, афтӕ ма Ростехнадзоры сӕргълӕууӕг Алексей Алешин.
Ног станцӕн уыдзӕн хорз ӕндӕвдад Цӕгат Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтыл. Станцы хъомыс у 346 МВТ, электроэнергийы проектон азон рауагъдад – 842 милуан кВт.ч. ГЭС-ы бӕстыхайы ис дыууӕ гидроагрегаты, кӕцыты хъомыс у фӕйнӕ 173 МВт.
"Зӕрӕмӕджы ГЭС-1 ракодта Цӕгат Ирыстоны электроэнергетикӕ ног гъӕдджын ӕмвӕзадмӕ: республикӕйы электростанцты иумӕйаг хъомыс фӕфылдӕр цыппар хатты. Зӕрӕмӕджы ГЭС-1 фӕхуыздӕр кӕндзӕн ӕппӕт Цӕгат Кавказы регионы электроифтонгад", - банысан кодта "Русгидро"-йы сӕрдар Николай Шульгинов.
Зӕрӕмӕджы ГЭС-ты арӕзтад райдыдта 1978 азы. Арӕзтад ӕрурӕдтой ӕмӕ йӕ сног кодтой ӕрмӕстдӕр 2006 азы, арӕзтадон объект "Русгидро"-йы цӕстдардмӕ куы радтой, уый фӕстӕ.
ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полицийы кусджытӕ ӕрурӕдтой федералон агуырды уӕвӕг Ставрополы крайы 20-аздзыд цӕрӕджы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.
Чызг агуырдмӕ лӕвӕрд ӕрцыд наркотикон буарӕдты ӕнӕзаконон ӕгъдауӕй ӕвӕрыны тыххӕй.
"Полицийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой, чызг Пятигорскӕй кӕй ацыд Краснодары краймӕ, уырдыгӕй та Цӕгат Ирмӕ, цы ран ӕй ӕрцахстой цӕгатирыстойнаг оперативон кусджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ныртӕккӕ чызджы радтой Уӕрӕсейы Мидхъыддӕгты министрады Пятигорскы хайадмӕ.
ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Ирон богал Теблойты Давид рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг спортсменты хсӕн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй.
Афтӕ ма, турниры бронзӕйон призертӕ ссисты Теблойты Даниэль (55 кг), Габиты Сӕрмӕт (71 кг), Цоциты Азӕмӕт (71 кг) ӕмӕ Хуыбиаты Азӕмӕт (92 кг).
Спортсментӕ ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Гаглойты Уахтанг, Цӕмӕхъаты Нарт ӕмӕ Гудиты Ильяйы къухдариуӕгады бын.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.