Цӕгат Иры дарддӕр фылдӕр кӕны коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

© AFP 2022 / AL BELLOКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Амӕйразмӕ Цӕгат Ирыстоны рынчындоны амард 83-аздзыд пациент. Фӕстӕдӕр Роспотребнадзор сбӕрӕг кодта, уый кӕй уыд коронавирусӕй рынчын

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы ӕхсӕз фӕрынчынуӕвӕджы, сӕ иумӕйаг нымӕц схызт 15-мӕ, хъусын кӕны регионы Роспотребнадзор.

Тагъд ӕххуыс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры коронавирусӕй амард фыццаг адӕймаг

Республикӕйы медицинон хъусдарды бын сты 669 адӕймаджы, медицинон хъусдардӕй систой 889 адӕймаджы.

Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады информацимӕ гӕсгӕ, Тагъд ӕххуысы клиникон рынчындоны COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты райсыны фӕдыл хайады сты 17 адӕймаджы. Уыдонӕй 11 сӕ анализтӕ коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл арвыстой Мӕскуымӕ дыккаджы басгӕрстмӕ. Реанимацийы ӕнӕрынчындонон пневмонитимӕ сты ӕхсӕз адӕймаджы, дыууӕйы анализтӕ COVID-19 сбӕрӕг кӕныны фӕдыл арвыстой басгӕрстмӕ федералон реферанс-центрмӕ.

Дзӕгъиаты Уырызмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Генералон прокуратурӕйы ӕрдзырдтой коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттыл

Амӕйразмӕ Цӕгат Ирыстоны рынчындоны амард 83-аздзыд пациент. Фӕстӕдӕр Роспотребнадзор сбӕрӕг кодта, уый кӕй уыд коронавирусӕй рынчын. Цӕгат Ирыстоны къухдариуӕгад адарддӕр кодта хисӕрмагонд изоляцийы режим 19 апрелы онг.

Ӕртыццӕджы райсоммӕ Уӕрӕсейы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 7521 адӕймаджы (уыдонӕй 5181 Мӕскуыйы). COVID-19-ӕй фӕмард сты 61 адӕймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты 1,4 милуан адӕймаджы, сӕ фылдӕр хайӕн схос кодтой, 82 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0