Цӕгат Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ноджы 34 фӕрынчынуӕвӕджы

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Знон Дзӕуджыхъӕуы ацыд митинг. Республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы акцийы фӕстӕ гӕнӕн ис фӕфылдӕр уа COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны 34 цӕрӕгӕн сбӕрӕг кодтой ног коронавирусон иинфекци. Дыццӕджы райсоммӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 211 адӕймаджы, хъусын кӕны Роспотребнадзор.

"Медицинон хъусдарды бын хисӕрмагонд изоляцийы сты республикӕйы 1067 цӕрӕджы. Медицинон хъусдардӕй систой 2045 адӕймаджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Къуырисӕры Дзӕуджыхъӕуы ацыд митинг мадзӕлтты ныхмӕ, кӕцытӕ республикӕйы къухдариуӕгад ӕххӕст кӕны коронавирусы апарахат ма ‘руадзыны нысанӕн. Ӕнӕразыдзинады акцийыл уыд Цӕгат Ирыстоны Роспотребнадзоры разамонӕг Тыбылты Алан, кӕцы банымадта уавӕр катастрофоныл ӕмӕ бафтыдта, митингыл уӕвӕг адӕмы кӕй хъӕуы сизоляци кӕнын.

В Южной Осетии Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйыроссийскую военную базу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сдезинфекци кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы

"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, махмӕ уый фӕстӕ фӕфылдӕр уыдзысты фӕрынчынуӕвджытӕ, мах уый фендзыстӕм цалдӕр боны фӕстӕ", - загъта Тбылты Алан.

Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Уӕрӕсейы COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты нымӕц у 47 302 адӕймаджы. Вирусӕй фӕмард сты 409 адӕймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Дунейы вирусӕй ныридӕгӕн фӕрынчын сты дыууӕ милуан ӕмӕ 5 сӕдӕ мин адӕймаджы, 168 мин адӕймагӕй фылдӕр фӕмард сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0