Арнеллайæн æххуыс: спортивон блогер рахицæн кодта рынчын сабийæн æрдæгмилуан сомы

© Screenshot/ RajdianПерсаты Арнелла
Персаты Арнелла  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Персаты Арнелла райгуырд фæсонты-хæцъæфты атрофиимæ, амынд низæн ис иунæг хос — зынаргъ препарат Zolgensma, уый аивдзæн хъыгдард ген

ЦХИНВАЛ, 24 апр - Sputnik. Зындгонд спортивон блогер Евгений Савин Персаты Арнеллайы хоскæнынадæн (сывæллонмæ рабæрæг стæм генетикон низ) рахицæн кодта 500 мин сомы. Ацы хабар чызджы официалон сыфыл фехъусын кодта йæ мад, хъусын кæны 15 регион.

"Стыр бузныг зæгъæм æцæг адæймагæн — Евгений Савинæн. Республикæйы суанг гыццыл лæппутæн дæр зындгонд æмæ уарзон чи у, уыцы спортивон блогер нæ адæмы рыст йæ зæрдæмæ хæстæг айста æмæ нын абон 500 мин сомы рахицæн кодта", - ныффыста рынчын сабийы мад.

Уый бынасан кодта, мады зæрдæйы номæй дæр æмæ Арнеллæйы фервæзын кæнын национ идейæйыл чи банымадта, дунейы æппæт уыцы ирæтты номæй дæр бузныг кæй дзуры блогерæн.

Miyagi & Andy Panda - Freeman - Sputnik Хуссар Ирыстон
Miyagi ӕмӕ Andy Panda снывонд кодтой сӕ ног зарӕг дзӕуджыхъӕуккаг рынчын чызгӕн

"Ацы хорздзинад ноджы стырдæр хорздзинадæй раздæхæд дæ зæрдæхæлар бинонтæм. Стыр бузныг зæгъын нæ хæрзгæнæгæн!" — загъдæуы посты.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, Персаты Арнелла кæй райгуырд фæсонты-хæцъæфты атрофиимæ, амынд низæн ис иунæг хос — зынаргъ препарат Zolgensma, уый аивдзæн хъыгдард ген. Уыцы хосæй спайда кæнын хъæуы, цалынмæ чызгыл дыууæ азы нæма сæххæст, уæдмæ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0