Зындгонд футболист баххуыс кӕндзӕн уӕззаурынчын ирон сабийӕн

© football24Александр Кокорин
Александр Кокорин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Персаты Арнелла райгуырд фæсонты-хæцъæфты атрофиимæ, амынд низæн ис иунæг хос — зынаргъ препарат Zolgensma, уый аивдзæн хъыгдард ген

ЦХИНВАЛ, 5 мая — Sputnik. Уӕрӕсейы футболы командӕйы раздӕры размӕбырсӕг Александр Кокорин рахицӕн кӕндзӕн иу милуан сомы Персаты Арнеллайы хоскæнынадæн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Персаты Арнелла  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арнеллайæн æххуыс: спортивон блогер рахицæн кодта рынчын сабийæн æрдæгмилуан сомы

Футболист банысан кодта, уымӕн кӕй ис бирӕ ӕмбӕлттӕ Ирыстоны ӕмӕ хорз зонгӕ у сабийы уавӕримӕ.

"Никуы дзырдтон ӕргомӕй хӕрзаудӕн архӕйдтыты тыххӕй, фӕлӕ ерын у ахӕм уавӕр, кӕд хъӕуы дзурын. Ӕз рахицӕн кӕндзӕн иу милуан сомы Арнеллайӕн ӕххуысӕн, афтӕ ма ракурдзӕн ме ‘мбӕлттӕй-спортсментӕй, цӕмӕй уыдон дӕр ӕрбаиу уой ацы акцимӕ. Сабийӕн баззад цъус рӕстӕг", - хъусын кӕны портал Кокорины ныхӕстӕ.

Персаты Арнелла райгуырд фæсонты-хæцъæфты атрофиимæ, амынд низæн ис иунæг хос — зынаргъ препарат Zolgensma, уый аивдзæн хъыгдард ген. Уыцы хосæй спайда кæнын хъæуы, цалынмæ чызгыл дыууæ азы нæма сæххæст, уæдмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0