Цӕгат Иры ноджы ӕртӕ адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

© Sputnik / Павел Кононов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Майрӕмбоны райсоммӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2523, амардысты 25 адӕймаджы. Амбулаторон хоскӕнынады сты 1035 адӕймаджы, медицинон уагдӕтты та – 92 пациенты

ЦХИНВАЛ, 22 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ амардысты ноджы ӕртӕ адӕймаджы COVID-19 диагнозимӕ, фӕмардуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 25 адӕймаджы. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 67 ног рынчыны. Майрӕмбоны райсоммӕ фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2523. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры 25 курсанты алыгъдысты карантинæй, радзырдтой цæстæйфенджытæ

- 1035 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.

- 92 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.

- 1371 рынчыны сæнæниз сты.

- 25 адӕймаджы амардысты.

Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 1142 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 5796 адæймаджы.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 5 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 330 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0