Цӕгат Иры разӕсгарджытӕ райстой нырыккон квадроциклтӕ

© Пресс-служба Южного военного округаЦӕгат Иры разӕсгарджытӕ райстой ныры квадроциклтӕ
Цӕгат Иры разӕсгарджытӕ райстой ныры квадроциклтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддон квадроциклтӕ хъӕуынц разӕсгарӕн ӕмӕ бӕрӕгдзау хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Техникӕйӕ фыццаг хатт спайда кодтой Уӕлахизы парадыл 24 июны Дзӕуджыхъӕуы

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik. Хуссар ӕфсӕддон зылды разӕсгарджытӕ полигон Дарьялы Цӕгат Ирыстоны райстой 10 квадроциклы. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Ныры мототранспортон техникӕйӕ пайда кӕндзысты разӕсгарӕн ӕмӕ бӕрӕгдзау хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнынӕн, афтӕ ма рейдон ӕмӕ агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн операциты рӕстӕджы.

"Ӕфсӕддонтӕ, кӕцытӕ скъӕрдзысты мототранспортон техникӕйыл, ацыдысты сӕрмагонд ахуыры курс ӕмӕ райстой бар йӕ эксплуатацийӕн быдырон уавӕрты ӕмӕ цӕрӕг пунктты ", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Техникӕ фыццаг хатт хайад райста Уӕлахизы парады 24 июны ӕмӕ рацыд механизацигонд колоннӕйы рӕнхъы Дзӕуджыхъӕуы сӕйраг фӕзуатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0