Ӕнтӕф боныгъӕд: Цӕгат Иры фехъусын кодтой штормон фӕдзӕхсты тыххӕй

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Быдырты температурӕ схиздзӕн 38°С. Афтӕ ма республикӕйы ис экстренон фӕдзӕхст хъӕдты зынгсирвӕзтты тасы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны территорийыл ӕввахс дыууӕ боны уыдзӕн ӕнтӕф боныгъӕд – штормон фӕдзӕхст ныммыхуыр кодта республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.

Цӕгат Иры февзӕрдӕр уыдзӕн боныгъӕд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Штормон фӕдзӕхст: Цӕгат Иры февзӕрдӕр уыдзӕн боныгъӕд

Быдырты температурӕ схиздзӕн 38°С. Афтӕ ма республикӕйы ис экстренон фӕдзӕхст хъӕдты зынгсирвӕзтты тасы тыххӕй.

"Республикӕйы гидрометеорологи ӕмӕ мониторингы фӕдыл центры информацимӕ гӕсгӕ 20-22 июлы Цӕгат Ирыстоны уыдзӕн хъӕдты зынгсирвӕзтты тас", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0