Цæгат Иры хæдтулгæ ахауд былæй: амардысты адæм

© 15-Й РЕГИОНЦæгат Иры хæдтулгæ ахауд былæй
Цæгат Иры хæдтулгæ ахауд былæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагеди æрцыд Алагиры районы Ӕрхоны хъæуы, аварийы фæстиуæгæн машинæйы шофыр æмæ йæ пассажир фæмард сты

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Цæгат Ирыстоны фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн фæмард сты дыууæ адæймаджы, хъусын кæны республикæйы УУМ пресс-службæ.

Цæгат Иры аварийы бахъыгдард сты æртæ сывæллоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Иры аварийы бахъыгдард сты æртæ сывæллоны

Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, хæдтулгæ УАЗ-469-ы шофыр не сырæхст скъæрын æмæ ахауд былæй.

"Трагеди æрцыд Алагиры районы Ӕрхоны хъæуы, аварийы фæстиуæгæн машинæйы шофыр æмæ йæ пассажир фæмард сты бæллæхы бынаты, - дзырдæуы хъусинаджы.

УУМ банысан кодтой, фæндагон-транспортон цауы фæстиуджытæ аиуварс кæныныл архайдтой цыппар адæумаджы æмæ техникæйы иу иуæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0