Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгты мысӕн акци

CC0 / Pixabay / bernswaelz / Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгтӕн нывонд мысӕн акци
Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн Хуссар Иры хӕсты амӕттӕгтӕн нывонд мысӕн акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрвылазон акци "Мысӕн цырагъ" ацӕудзӕн Сыгъдӕг Георгийы аргъуаны раз

ЦХИНВАЛ, 6 авг – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны столицӕйы, сабаты 20.00 сахатыл, ацӕудзӕн ӕрвылазон акци "Мысӕн цырагъ", кӕцы нывонд у Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгтӕн.

Хуссар Иры ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ссардзысты 2008 азы августы хӕсты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Акци ацӕудзӕн Сыгъдӕг Георгийы аргъуаны раз Барбашовы уынгыл. Трагикон цауты амӕттӕгты мысӕнӕн ацӕудзӕн панихидӕ ӕмӕ алӕудзысты иу уысм ӕдзӕмӕй.

Гуырдзыстон 2008 азы 8 августы ӕхста Хуссар Ирыстон "Град"-ӕй, Гуырдзыйы ӕфсӕдтӕ ӕрбабырстой республикӕмӕ. Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты хъахъхъӕнгӕйӕ, кӕцыты стыр хай райста УФ ӕмбӕстӕггад, бакодта йе 'фсӕдты республикӕмӕ ӕмӕ фондзбонон хӕсты фӕстӕ фӕтардта Гуырдзыстоны ӕфсӕдты. Мӕскуы 2008 азы 26 августы банымадта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0