Ирон шашист бахызт фондз хуыздӕр хъазӕджы скондмӕ ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты

© Sputnik / Наталья АйриянШашкӕтӕ
Шашкӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уырыссаг шашкӕтӕй турнир нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты хсӕн ӕрӕмбырд кодта 30 спортсмены. Цӕгат Ирыстоны кад хъахъхъӕдта Годжысаты Хъазбег

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Спорты мастермӕ кандидат Годжысаты Хъазбег Цӕгат Ирыстонӕй бахызт фондз хуыздӕр хъазӕджы скондмӕ престижон турнир "Цимла-2020"-ы Ростов-на-Донуйы, фехъусын кодта 15-ӕм Регион.

Цхинвалы рабӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр шашистты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы рабӕрӕг кодтой иууыл хуыздӕр шашистты

Годжысаты Хъазбег ӕнтыстджын архайд скодта блицы, цы ран ацыд 4-5 бынатыл, партитӕй иуы уый рамбылдта турниры иунӕг гроссмейстер Александрины.

Классикон программӕйы Годжысаты Хъазбег бахызт фыццаг дӕс хъазӕджы скондмӕ, чемпион та ссис спорты мастер Мӕскуыйӕ Сергей Золотов.

Турнир ӕрӕмбырд кодта 30 шашисты бӕстӕйы алыгъуызон регионтӕй. Ерыстӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты хсӕн уагъд цыдысты 3-9 августы Ростовы областы горӕт Цимлянскы.

Ног хабӕртты лентӕ
0