Ирон зарӕггӕнӕг хайад райсдзӕн "Голос 60+"-ы

© Sputnik / Наталья АйриянХадыхъаты Алла
Хадыхъаты Алла - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хадыхъаты Алла у Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ, Абхаз ӕмӕ Мӕхъӕлы схуыхт артисткӕ

ЦХИНВАЛ, 13 авг – Sputnik. Цæгатирыстойнаг зарæггæнæг Хадыхъаты Алла суыдзæн Фыццаг каналы вокалон гранд-проект "Голос 60+"-ы архайæг. Ацы хабар мыхуыр ӕрцыд мадзалы официалон сыфыл социалон хызӕг Инстаграмы, хъусын кӕны 15 регион.

"Æппæт разамонджытæ дæр сты тынг хорз зарæггæнджытæ. Лобода абоны бон у мæ уарзондæр зарæггæнæг Алла Пугачевайы фæстæ", - загъта Хадыхъаты Алла.

"Голос 60+"-ы ног æртыккаг сезоны разамонджытæ уыдзысты ахæм артисттæ, куыд Лев Лещенко, Гарик Сухачев, Елена Ваенга.

Хадыхъаты Алла у Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон артисткӕ, Абхаз ӕмӕ Мӕхъӕлы схуыхт артисткӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0