Цӕгат Иры Роспотребнадзоры фехъусын кодтой коронавирусӕй 13 ног рынчыны тыххӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 4725 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 4292 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 67 амардысты

ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой 13 рынчыны коронавирусӕй, бон раздӕр хъусын кодтой COVID-19-ӕй 12 ног рынчыны тыххӕй. Ӕртыццӕджы райсоммӕ бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 4725, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Пандеми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры нӕй ног рынчынтӕ коронавирусӕй - "Югосетпотребнадзор"

- 332 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 34 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4292 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 67 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 22 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 781 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0