Иу суткӕмӕ 24 рынчыны: коронавирусимӕ уавӕр Цӕгат Иры

© Sputnik / Виталий Тимкив /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы рабӕрӕг кодтой 5111 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 4485 адӕймаджы сӕнӕниз сты, 67 амардысты

ЦХИНВАЛ, 7 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны рабӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 24 ног рынчыны. Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 5111 адӕймаджы, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.

Цхинвалы рынчындон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сӕнӕниз коронавирусӕй фӕстаг рынчын

- 508 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.

- 51 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.

- 4485 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

- 67 адӕймаджы амардысты.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 27 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 880 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0