Цӕгат Иры ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ

© 15-й РегионЦӕгат Иры ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ
Цӕгат Иры ӕрцыд мӕлӕтдзаг ФТЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагеди ӕрцыд Рахизфарс районы, Беслӕн – Дзӕуджыхъӕу фӕндаджы ӕвдӕм километрыл

ЦХИНВАЛ, 8 сен — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн амард 26-аздзыд чызг, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) информацимӕ гӕсгӕ, трагеди ӕрцыд Рахизфарс районы, Беслӕн – Дзӕуджыхъӕу фӕндаджы ӕвдӕм километрыл.

"ЛАДА Калина хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд бӕласыл", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, ФТЦ фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн кӕй ӕрбаздахтой цыппар кусӕджы ӕмӕ техникӕйы иу иуӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0