Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы
Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир уыдзӕн уӕрӕсейаг командӕмӕ бахизыны ӕвзӕрстыты этаптӕй сӕ иу Сербийы декабры дунейы чемпинаты хайад райсыны фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны РИА Новости.

Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Цӕгат Ирыстонӕй рамбылдта ӕвзист майдан Уӕрӕсейы чемпионаты

Турнир уыдзӕн уӕрӕсейаг командӕмӕ бахизыны ӕвзӕрстыты этаптӕй сӕ иу Сербийы декабры дунейы чемпинаты хайад райсыны фӕдыл.

"Уӕрӕсейы чемпионат уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй нӕлгоймӕгты хсӕн ацӕудзӕн октябры Дзӕуджыхъӕуы. Мах нывӕндӕм ауадзын Уӕрӕсейы Кубок греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Уфайы 8-11 декабры. Уӕрӕсейы чемпионат та уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ацӕудзӕн йӕ фӕстӕ", - хъусын кӕны агентад Уӕрӕсейы Спортивон хъӕбысхӕсты федерацийы президент Михаил Мамиашвилийы ныхӕстӕ.

Уый бафтыдта, Дзӕуджыхъӕуы ерыстӕ ауадзыны дырыс ӕмгъуыд снысан кӕндзысты фӕстӕдӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0