ЦХИНВАЛ, 30 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны раздæры полицæйаджы ныхмæ рахастой азым наркотикты æнæзаконон зилдухы тыххæй, хъусын кæны регионы Слестгæнæн комитет.
Хъусинагæй куыд бæрæг у, афтæмæй 17 июны оперативон кусæг æбæрæг уавæрты самал кодта 0,24 граммы наркотикон буарадтæ æмæ сæ уыцы бон ауæй кодта бынæттон цæрæгæн.
"Уый фæстæ полицийы 29-аздзыд лейтенанты æрцахстой барадхъахъхъæнджытæ. Уымæн тæрхондон рахаста ахæст æмæ азым наркотикты æнæзаконон зилдухы тыххæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн куыстытæ.
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ абоны бон ӕрластой COVID-19-ы ныхмӕ вакцинӕйы 842 комплекты. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы егъау партимӕ, цӕмӕй райдайой республикӕйы цӕрджыты массон вакцинаци. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы разамонӕг Битарты Вячеслав "Россия 24"-йы эфиры.
Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ныридӕгӕн хъусын кӕны ацы информаци ӕмбӕстӕгтӕн.
"Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта фӕндагон картӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты хъусын кӕндзысты информаци ӕмбӕстӕгтӕн. Алкӕмӕндӕр ис фадат бацӕуын горӕты ӕртӕ поликлиникӕмӕ ӕмӕ саразын прививкӕ", - банысан кодта Битарты Вячеслав.
Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин хицауады уӕнгтимӕ рабадтыл бахӕс кодта райдайын цӕрджыты массон вакцинаци коронавирусы ныхмӕ.
ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Ивгъуыд суткӕйы Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг амард COVID-19 диагнозимӕ. Низы амӕттаг баисты ныр 105 рынчыны, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
Иу суткӕмӕ цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 81 ног рынчыны
"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 14 январы 08:00 сахаты онг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ регистрацигонд ӕрцыд 13 260 (+ 81 фӕстаг суткӕйы) рынчыны ног коронавирусон инфекцийӕ", - дзырдӕуы "Роспотребнадзор"-ы хъусинаджы.
Рынчынты иумӕйаг нымӕцӕй (13 260) 12 593сӕнӕниз сты, 119 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл ӕмӕ 443 пациенты та хос кӕнынц республикйы медицинон уагдӕтты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандемии - коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр.
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. ММА-йы ирыстойнаг тохгӕнӕг Дудайты Владимир ауадздзӕн йе ‘ртыккаг профессионалон тох турниры Кӕсӕг-Балхъары февралы, фехъусын кодта Sputnik йӕхӕдӕг атлет. Дудайты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы Хуссар Ирыстоны.
"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны. Спарринг-партнертимӕ мын проблемӕ нӕй. Стыр бузныг ме мбӕлттӕ ӕмӕ тренертӕн, кӕцытӕ мын ӕххуыс кӕнынц", - загъта Дудайты Владимир.
Ирон богалы ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы минӕвар. Дудайты Владимиры ныхмӕлӕууӕг ауагъта ӕртӕ профессионалон тохы, ӕмӕ сӕ алкӕцы дӕр рамбылдта.
"Мӕ ныхӕмлӕууӕгмӕ мын ис хорз ахаст. Уый у клуб "Ахмат"-ы минӕвар, ӕмӕ уыдонӕн ис иттӕг хорз уавӕртӕ цӕттӕ кӕнынӕн", - банысан кодта Дудайты Владимир.
Спортсмен бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕлахизмӕ ӕмӕ йӕм ис егъау мотиваци, уымӕн ӕмӕ йын ӕрдӕг азы тохтӕ нӕ уыд.
Тох ацӕудзӕн февралы, йӕ организатор у промоутерон компани "Плазма". Спортсментӕ тох кӕндзысты 70 килограммы уӕзы категорийы.