Цæгат Иры нæлгоймаг фæцис сыджыты бын трубæ æвæрыны рæстæджы, уый фæмард бынаты

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Иры нæлгоймаг фæцис зæхцъары бын трубæ æвæрыны рæстæджы, уый фæмард бынаты
Цæгат Иры нæлгоймаг фæцис зæхцъары бын трубæ æвæрыны рæстæджы, уый фæмард бынаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагеди рцыд ивгъуыд къуыри Цыкола хъæуы Ирæфы районы. Барадхъахъхъæнæг органтæ сгарынц æрцæугæ цауы лыстæгдзинæдтæ

ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органтæ бæрæг кæнынц уавæртæ, кæцытæ æркодтой нæлгоймаджы мæлæтмæ канализацион хæтæлты арæзтады рæстæджы, хъусын кæны Республикæйы фæдагуырды службæйы пресс-службæ.

Трагеди æрцыд 2 октябры 16.00 сахатмæ æввахс Ирæфы районы Цыколайы хъæуы иу хисæрмагонд хæдзармæ хæстæг.

"Канализацион хæтæлты арæзтады рæстæджы 44-аздзыд нæлгоймагыл æркалд зæхцъар. Уый уæзæй райста цæфтæ æмæ уый фæстиуæгæн фæмард цауы бынаты", - дзырдæуы хъусинаджы.

Уагдоны бафтыдтой, ныридæгæн барадхъахъхъæнæг органтæ кæй бæрæг кæнынц цауы лыстæгдзинæдтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0