ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Цæгат Ирыстоны таможнæйы ног сӕргълӕууӕгӕй нысан æрцыд таможнæйы службæйы инæлар-майор Алексей Бреусов. Раздӕр уый куыста Минералон дæтты таможнæйы хицауӕй, хъусын кӕны "15-æм Регион".
УФ таможнæйы органты службæйы фæдыл Алексей Бреусовимæ бадзырд бафыстæуыд 30 октябрæй æртæ азы æмгъуыдмæ.
Таможнæйы органты службæ кæнын Алексей Бреусов райдыдта 1996 азы. Йæ æнæаипп службæйы тыххæй хорзæхджын æрцыд II, III къæпхæны майдантæ "Зæрдиагдзинады тыххæй", "Таможнæйы органты службæйы тыххæй", риуылдаргæ нысæнттæй "Уæрæсейы ГТК 10 азы" æмæ "Таможнæйы службæйы отличник".
ЦХИНВАЛ, 5 мар - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы полицийы кусджытӕ ӕрурӕдтой федералон агуырды уӕвӕг Ставрополы крайы 20-аздзыд цӕрӕджы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны МХМ пресс-службӕ.
Чызг агуырдмӕ лӕвӕрд ӕрцыд наркотикон буарӕдты ӕнӕзаконон ӕгъдауӕй ӕвӕрыны тыххӕй.
"Полицийы кусджытӕ рабӕрӕг кодтой, чызг Пятигорскӕй кӕй ацыд Краснодары краймӕ, уырдыгӕй та Цӕгат Ирмӕ, цы ран ӕй ӕрцахстой цӕгатирыстойнаг оперативон кусджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ныртӕккӕ чызджы радтой Уӕрӕсейы Мидхъыддӕгты министрады Пятигорскы хайадмӕ.
ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Ирон богал Теблойты Давид рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг спортсменты хсӕн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй.
Афтӕ ма, турниры бронзӕйон призертӕ ссисты Теблойты Даниэль (55 кг), Габиты Сӕрмӕт (71 кг), Цоциты Азӕмӕт (71 кг) ӕмӕ Хуыбиаты Азӕмӕт (92 кг).
Спортсментӕ ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Гаглойты Уахтанг, Цӕмӕхъаты Нарт ӕмӕ Гудиты Ильяйы къухдариуӕгады бын.
ЦХИНВАЛ, 5 мар — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хъӕбӕр цардуагон ӕвзарӕнты пресс кӕнынӕн фӕзуаты арӕзтад балхынцъ ис, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады минӕвар Къацты Сослан.
Фӕзуат ис ног быроны полигоны цур, кӕцы сарӕзтой Цхинвалы районы Ирыхъӕуы. Уым сарӕзтой ангар, кӕдӕм ласдзысты бырон, уый фӕстӕ та йӕ пресс кӕндзысты. Уый фӕдыл бӕстыхайы сӕвӕрдтой сӕрмагонд техникӕ.
"Ифтонггарз кусы. Ӕвзарӕнтӕ пресс кӕнынӕн фӕзуатимӕ полигон цӕттӕ у эксплуатацимӕ раттынмӕ. Тагъд рӕстӕджы скусдзӕн", - банысан кодта Къацты Сослан.
Полигоны территорийыл сӕвӕрдтой вагонтӕ персоналӕн, афтӕ ма дзы ауагътой электрохызӕгтӕ, йӕ бацӕуӕнты та ӕвӕрд ӕрцыд асфальт.
Арӕзтады министрады специалисттӕ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй ацы методикӕйы руаджы зынгӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн зианхӕссӕг ӕндӕвдад экологимӕ. Полигонӕй Присы иууыл ӕввахсдӕр цӕрӕг бӕстыхаймӕ у 2,5 километры. Йӕ эксплуатацийы ӕмгъуыд у 25 азы.
Объект арӕзт ӕрцыд инвестицион программӕйы фӕлгӕтты.