ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы рабӕрӕг кодтой 72 ног рынчыны COVID-19-ӕй. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц къуырисӕры райсоммӕ схызт 8390 адӕймагмӕ, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
- 498 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.
- 339 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.
- 7480 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.
- 73 адӕймаджы амардысты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми.
ЦХИНВАЛ, 3 мар – Sputnik. Ирон богал Теблойты Давид рамбылдта сыгъзӕрин майдан Уӕрӕсейы чемпионаты греко-римаг хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг спортсменты хсӕн, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Омскы турниры Теблойты Давид архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы – финалон тохы уый рамбылдта спортсмены Адыгейӕ 8:0 хыгъдӕй.
Афтӕ ма, турниры бронзӕйон призертӕ ссисты Теблойты Даниэль (55 кг), Габиты Сӕрмӕт (71 кг), Цоциты Азӕмӕт (71 кг) ӕмӕ Хуыбиаты Азӕмӕт (92 кг).
Спортсментӕ ерыстӕм цӕттӕ кодтой тренертӕ Гаглойты Уахтанг, Цӕмӕхъаты Нарт ӕмӕ Гудиты Ильяйы къухдариуӕгады бын.
ЦХИНВАЛ, 26 фев – Sputnik. Цæгат Ирыстон–Аланийы республикæйы коронавирусы ныхмæ прививкæтæ скодтой 9 мины æмæ 947 адæймагæн, хъусын кæны ПТРК "Алания" республикæйы æнæнздзинадхъахъхъæнынады министр Годжысаты Тамерланы ныхæстыл æнцогæнгæйæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ Цæгат Ирыстоны вакцинаци цæуы æнтыстджынæй. Фылдæр прививкæтæ кæнынц хистæр кары адæм.
"Чи фӕрынчын ис ӕмӕ вакцинаци чи рацыд уыдон имӕйаг нымӕц хъуамӕ уой цӕрджыты 60 процентӕй фылдӕр, цӕмӕй арӕзт ӕрцӕуа коллективон иммунитет. Уый фӕрцы мах хатдзыстӕм сӕрибар ӕмӕ ӕдас", - загъта Годжысаты Тамерлан.
Цæгат Ирыстоны фӕрынчынуӕвджытӕй 14 148 сӕнӕниз сты, 131 адӕймаджы та амардысты. Республикӕйы медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 263 адӕймаджы, 414 адӕймаджы та сты амбулаторон хоскӕнынады.
Фæстаг бæрæггæнæнтæм Уӕрӕсейы пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 3 983 197 адӕймаджы, уыдонӕй 3 472 091 сӕнӕниз сты, 77 068 адӕймаджы та амардысты.
ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Хуссар Иры Гӕззаты Вадимы номыл милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды сбӕрӕг кодтой физикон ӕгъдауӕй иууыл цӕттӕдӕр кусджыты. Ерыстӕ ӕрӕмных кодтой къорды сырӕзты 29-ӕм афӕдзыбонмӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Уӕлахиздзауты бӕрӕг кодтой куыд командон, афтӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр.
"Командон бахыгъды фыццаг бынатмӕ рахызт 1-аг оперативон ротӕ, дыккаг бынат бацахста 2-аг оперативон ротӕ, ӕртыккаг бынат та бацис 3-аг оперротӕйы", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Афтӕ ма ацыдысты ерыстӕ хисӕрмагонд бахыгъды дӕр цалдӕр спортивон дисциплинӕйӕ ӕмӕ цыппар уӕзы категорийы.
Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды дӕлхайӕдты хсӕн ерыстӕ уагъд фӕцӕуынц ӕрвылаз дӕр спорты хуызтӕ парахат кӕнын ӕмӕ хисӕрмагонд сконды профессионалон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн.