ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 79 ног рынчыны. Ӕртыццӕджы райсоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, рынчынты иумӕйаг нымӕц схызт 9603 онг.
- 217 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынады.
- 410 адӕймаджы хос кӕнынц республикӕйы медицинон уагдӕтты.
- 8899 адӕймаджы сӕнӕнниз сты.
- 77 адӕймаджы амардысты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 1,4 милуан рынчынӕй фылдӕр амардысты.
ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik. Цæгатирыстойнаг фæдагурджытæ æвзарынц уголовон хъуыддаг бынæттон сылгоймаджы ныхмæ, кæцы аххосджын цæуы йæ æнæбæрнон ахасты тыххæй æнахъом сывæллоны мæлæты. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Иры Слестгæнæн комитеты пресс-службæ.
Фæдысгæрсты версимæ гæсгæ, Дыгургомы 33-аздзыд цæрæг хъуамæ ныннадтаид йæ чысыл сывæллæтты - фарастмæйдзыд лæппу æмæ дыууæаздзыд чызджы, сбадын сæ кодта ваннæйы, рауагъта дон æмæ рахызт телефонæй дзурынмæ.
"Сылгоймаг дон рауагъта æмæ рахызт ваннæйон хатæнæй, сывæллæтты иунæгæй ныууадзгæйæ, æмæ дзырдта мобилон телефонæй. Ацы æнæхъола ахасты тыххæй фарастмæйдзыд лæппу фæныхъуырдта дон æмæ фæхуыдыг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сылгоймаджы ныхмæ барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой уголовон хъуыддаг статья "причинение смерти по неосторожности"-мæ гæсгæ, сгæрст цæрынц, сывæллæттæ цы уавæрты цардысыты бинонтæм.
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ абоны бон ӕрластой COVID-19-ы ныхмӕ вакцинӕйы 842 комплекты. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы егъау партимӕ, цӕмӕй райдайой республикӕйы цӕрджыты массон вакцинаци. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы разамонӕг Битарты Вячеслав "Россия 24"-йы эфиры.
Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ныридӕгӕн хъусын кӕны ацы информаци ӕмбӕстӕгтӕн.
"Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта фӕндагон картӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты хъусын кӕндзысты информаци ӕмбӕстӕгтӕн. Алкӕмӕндӕр ис фадат бацӕуын горӕты ӕртӕ поликлиникӕмӕ ӕмӕ саразын прививкӕ", - банысан кодта Битарты Вячеслав.
Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин хицауады уӕнгтимӕ рабадтыл бахӕс кодта райдайын цӕрджыты массон вакцинаци коронавирусы ныхмӕ.
Ацы аз январы зындгонд ирон поэт, æхсæнадон архайæг, публицист Дзуццаты Хадзы-Муратыл сыххæст уыдаид 86 азы. Кокойты Тарзан куыд загъта, уымæ гæсгæ Хаджийы сфæлдыстад ирон поэзийы æмæ культурæйы уыд уникалон фæзынд.
"Скъола каст куы фæци, уæд йæхи тыхтæй æмæ хъæппæрисæй радта фæлварæнтæ Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ æмæ уый дæр каст фæци сырх дипломыл", - загъта Тарзан.
Кокойты Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, Хадзы-Мурат йæ сфæлдыстадæй æнустæм фыст æрцыд ирон поэзийы хæзнадоны, фæлæ иууыл диссагдæр уыд йе 'мбæстагон позици.
"Хаджи хаудта 60-æм азы поэттæм, ахуыр кодта Евгений Евтушенкоимæ æмæ йæхимæ райста уыцы дуджы арф нысаниуджытæ", - банысан кодта Кокойты Тарзан.
Тарзан ма куыд загъта, уымæ гæсгæ Дзуццаты Хадзы-Мурат удыхъæдæй уыд æфсæрмдзæстыг æмæ хуымæтæг адæймаг, фæлæ дзы мидæгæй сыгъд арт.
Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.