ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг амард COVID-19 диагнозимӕ, низы амӕттаг баисты ныр 82 рынчыны, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
Коронавирусӕй рынчынты иумӕйаг нымӕц абоны онг у 10 177. Уыдонӕй 9509 сӕнӕниз сты, 179 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл ӕмӕ 407 пациенты та хос кӕнынц республикйы медицинон уагдӕтты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандемии - коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр.
ЦХИНВАЛ, 15 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстонмӕ абоны бон ӕрластой COVID-19-ы ныхмӕ вакцинӕйы 842 комплекты. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ноджы егъау партимӕ, цӕмӕй райдайой республикӕйы цӕрджыты массон вакцинаци. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы разамонӕг Битарты Вячеслав "Россия 24"-йы эфиры.
Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ныридӕгӕн хъусын кӕны ацы информаци ӕмбӕстӕгтӕн.
"Республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта фӕндагон картӕ, кӕцыйы фӕлгӕтты хъусын кӕндзысты информаци ӕмбӕстӕгтӕн. Алкӕмӕндӕр ис фадат бацӕуын горӕты ӕртӕ поликлиникӕмӕ ӕмӕ саразын прививкӕ", - банысан кодта Битарты Вячеслав.
Амӕйразмӕ Уӕрӕсейы президент Владимир Путин хицауады уӕнгтимӕ рабадтыл бахӕс кодта райдайын цӕрджыты массон вакцинаци коронавирусы ныхмӕ.
ЦХИНВАЛ, 14 янв - Sputnik. Ивгъуыд суткӕйы Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг амард COVID-19 диагнозимӕ. Низы амӕттаг баисты ныр 105 рынчыны, фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
Иу суткӕмӕ цӕгатирыстойнаг республикӕйы рабӕрӕг ис коронавирусӕй 81 ног рынчыны
"Цӕгат Ирыстоны 2021 азы 14 январы 08:00 сахаты онг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ регистрацигонд ӕрцыд 13 260 (+ 81 фӕстаг суткӕйы) рынчыны ног коронавирусон инфекцийӕ", - дзырдӕуы "Роспотребнадзор"-ы хъусинаджы.
Рынчынты иумӕйаг нымӕцӕй (13 260) 12 593сӕнӕниз сты, 119 адӕймаджы сты амбулаторон хоскӕнынадыл ӕмӕ 443 пациенты та хос кӕнынц республикйы медицинон уагдӕтты.
Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандемии - коронавирусӕй фӕрынчын сты 63 милуан адӕймагӕй фылдӕр.
ЦХИНВАЛ, 18 янв - Sputnik. Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд сӕхгӕдтой хуыцаубоны 21.00 сахатыл ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ зӕйтӕ 'рцӕуыны тасы тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) пресс-службӕ.
"Хуыцаубоны 21.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг Транскамыл уыдзӕн ӕхгӕд фӕндагон змӕлд", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.
Хуыцаубоны райсомӕй автомагистралы цӕгаттаг порталыл ӕрцыд чысыл зӕй, фӕлӕ фӕндагон службӕтӕ ӕвӕстиатӕй асыгъдӕг кодтой трассӕ.
Транскавказаг автомагистраль — иунӕг фӕндаг, кӕйы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ.