ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Фарастаздзыд сывӕллон бахъыгдард ис фӕндагон-транспортон цауы Цӕгат Ирыстоны, хъусын кӕны 15-ӕм регион.
Фӕндагон инцидент ӕрцыд цӕгатирыстойнаг столицӕйы Къостайы проспектыл. Хӕдтулгӕ "ВАЗ 2112" 39-аздзыд щофыр не сырӕхст ӕмӕ баскъӕрдта электрон рухсы цӕджындзыл.
Цауы фӕстиуӕгӕн нӕлгоймаг алыгъуызон цӕфтимӕ бахауд Ӕрыдоны рынчындонмӕ, йӕ фарастаздзыд пассажиркӕйы та аскъӕфтой Дзӕуджыхъӕуы Сывӕллӕтты рынчындоны реанимацимӕ.
ЦХИНВАЛ, 25 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг спортсмен Хӕбӕлаты Арсен рамбылдта Цӕгат Ирыстоны чемпионат армспортӕй. Ерысты фӕлгӕтты лӕппу фӕуӕлахиз ис авд спортсменыл, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта йӕ тренер Джиоты Валерий.
Хӕбӕлаты Арсен мӕйы размӕ та рамбылдта Цӕгат Ирыстоны фыццагад фӕсивӕды хсӕн.
"Арсен рамбылдта 80 кг уӕзы, мӕйы размӕ та уыд тыхджындӕр ӕрыгӕтты хсӕн Цӕгат Ирыстоны фыццагады", - загъта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хӕбӕлаты Арсен йӕ уӕлахизты фӕрцы райста балцӕгтӕ Уӕрӕсейы фыццагад ӕмӕ чемпионатмӕ дӕр.
"Кӕд нырмӕ лӕппуйӕн йе 'нтыстытӕ уыдысты ӕрыгӕтты хсӕн, уӕд ныр та басаста чемпионаты ӕмвӕзад дӕр", - бафтыдта уый.
Ивгъуыд азы Цӕгат Ирыстоны чемпионаты Хӕбӕлаты Арсен ссис ӕвзист призер. У ӕрыгӕтты хсӕн Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау, дуне ӕмӕ Европӕйаг ерысты призер. Архайгӕ армрестлертӕй у иууыл ӕнтыстджындӕр Гасситы Сосланы фӕстӕ.
ЦХИНВАЛ, 22 янв — Sputnik. Цæгатирыстойнаг фæдагурджытæ æвзарынц уголовон хъуыддаг бынæттон сылгоймаджы ныхмæ, кæцы аххосджын цæуы йæ æнæбæрнон ахасты тыххæй æнахъом сывæллоны мæлæты. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Иры Слестгæнæн комитеты пресс-службæ.
Фæдысгæрсты версимæ гæсгæ, Дыгургомы 33-аздзыд цæрæг хъуамæ ныннадтаид йæ чысыл сывæллæтты - фарастмæйдзыд лæппу æмæ дыууæаздзыд чызджы, сбадын сæ кодта ваннæйы, рауагъта дон æмæ рахызт телефонæй дзурынмæ.
"Сылгоймаг дон рауагъта æмæ рахызт ваннæйон хатæнæй, сывæллæтты иунæгæй ныууадзгæйæ, æмæ дзырдта мобилон телефонæй. Ацы æнæхъола ахасты тыххæй фарастмæйдзыд лæппу фæныхъуырдта дон æмæ фæхуыдыг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Сылгоймаджы ныхмæ барадхъахъхъæнæг органтæ бакодтой уголовон хъуыддаг статья "причинение смерти по неосторожности"-мæ гæсгæ, сгæрст цæрынц, сывæллæттæ цы уавæрты цардысыты бинонтæм.
ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азæмæт. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткæйы рабæрæг кодтой коронавирусæй æхсæз ног фæрынчынуæвæджы, фехъусын кодта Sputnik "Югосетпотребнадзор"-ы сæргълæууæджы хæдивæг Гаглойты Анна.
"Ивгъуыд суткæйы сарæзтæуыд 67 тесты COVID-19 рафæлгъауыны тыххæй, уыдонæй æхсæз равдыстой низы уæвынад. Афтæ ма суткæйы дæргъы хыгъдæй систæуыд фараст адæймаджы", - радзырдта Гаглойты Анна.
Уый ма бафтыдта, медицинон хъусдарды бын нырма кæй ис 773 адæймаджы. Пандемийы райдианæй æдæппæт республикæйы сарæзтой 15 075 тестры коронавирус рабæрæг кæныны тыххæй, уыдонæй 2 746 равдыстой æвæрццаг фæстиуæг.
Хуссар Ирыстоны январы æмбистæй фæрогдæр кодтой коронавирусы апарахат æруромыны фæдыл тобæтæ. Куысты æрвылбонон режиммæ рахызтысты министрæдтæ æмæ организацитæ, уыдон нымæцы ахуырадон уагдæттæ дæр.