Бӕхты театр "Нартӕ" цӕттӕ кӕны Цӕгат Иры цӕрджытӕн ногазон мадзал

© iRYSTON TVБӕхты театр "Нартӕ"
Бӕхты театр Нартӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чысыл аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсдзысты заз бæласы алыварс зарджытæ æмæ кæфтытæ, хъæлдзæг конкурстæ. Уымæй дарддæр фендзысты джигитовкæ, стæй сын фадат уыдзæн цыппаркъахыг артисттыл аныдзæвынæн

ЦХИНВАЛ, 23 дек — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг бæхты театр "Нартæ" цæттæ кæны республикæйы цæрджытæн ногазон бæрæгбон. Уазджыты размӕ артисттӕ рахӕсдзысты рагон æмæ алкӕмӕн дӕр уарзон аргъау "Снежная Королева", хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Премьерæ ацӕудзӕн ацы къуыри. Театры артисттæн у фыццаг ахæм фæлтæрддзинад, уыдон ӕнгомæй кусынц аниматортимæ.

Бæхты театр Нарттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бæрæгбон хæхты: "Нарттæ" равдыстой Къостайы юбилейæн нывонд спектакль

"Чысыл аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсдзысты заз бæласы алыварс зарджытæ æмæ кæфтытæ, хъæлдзæг конкурстæ. Уымæй дарддæр фендзысты джигитовкæ, стæй сын фадат уыдзæн цыппаркъахыг артисттыл аныдзæвынæн. Уæдæ хицæн ныхасы аккаг уыдзæн сценæйыл æвæрд цымыдисаг сюжет дӕр", - дзырдӕуы телеканалы бацӕттӕгонд ӕрмӕджы.

Спектаклы рæстæг æдасдзинады æппæт мадзæлттæ дæр цæудзысты æххæстгонд. Залы адæмæн уæвæн уыдзæн æрмæстдæр сæ 50 проценты. Билетты аргъ дæр бæрзонд нæ уыдзæн. Театры кусджытæ куыд банысан кодтой, афтӕмӕй сын сæйрагдæр у сывæллæттæн Ног азы лæвар ракæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0